Цхинвалы дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты алвæндагыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Цхинвалы центры дыццæджы изæры дыууæ хæдтулгæйы сæмбæлдысты Харебаты Исахъы уынджы æмæ Джиоты Аланы проспекты алвæндагыл. Уый тыххæй хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Фæндагон-транспортон цау æрцыд Харебаты Исахъы уынджы æмæ Джиоты Аланы проспекты алвæндагыл. Сæмбæлдысты дыууæ фæсарæйнаг хæдтулгæйы BMW-523 æмæ Toyota RAV4", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Барадхъахъхъæнджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, аварийы фæстиуæгæн ничи бахъыгдард, бæрæг цæуынц аварийы æууæлтæ.