Цхинвалы цæрæджы хæдтулгæйы ссардтой Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik. Автоинспектортæ Хуссар Ирыстоны ссардтой Daihatsu Move хæдтулгæйы, кæцыйыл скъæрдта столицæйы 31-аздзыд цæрæг, Калашниковы автомат 24 нæмыгимæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд радзырдтой, афтæмæй хæдтулгæ басгарыны нысанæн æрурæдтой Путины æмæ 8 юны уынгты алвæндагыл. Хæдтулгæйы басгæрсты рæстæджы фæстаг бадæныл ссардтой хæцæнгарз. Шофыр æмæ йæ пассажиры бакодтой Цхинвалы мидхъуыддæгты дæлхайадмæ.
Цауы фæдыл бакондæуыд уголовон хъуыддаг УФ уголовон кодексы 222 статьямæ гæсгæ.