Белорусаг уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой украинæйаг ракетæ С-300

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Белорусийы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой украинæйаг ракетæ С-300, кæцы æрхауд Бресты областы.
"Йæ хæйттæ йын ссардтой хъæууонхæдзарадон быдыры Бресты областы Ивановы районы Горбаха хъæуы районы", - банысан кодтой æфсæддон уагдоны.
Развæлгъау бæрæг æрцыд, уый кæй уыд зенитон ракетæ, кæцы суагътой Украинæйы территорийæ.
Хъахъхъæнынады министрады бафтыдтой, зæгъгæ, цауы лыстæгдзинæдтæ фехъусын кæндзысты æввахс рæстæджы.