Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 дек – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павлов радта хорзæхтæ республикæйы хъахъхъæнджытæн. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ æфсæддон уагдоны пресс-службæ.

"Хорзæхкæныны церемони ацыд президент Гаглойты Аланы барамындæй. Æмбæстæгтæ, кæцытæ активон хайад истой хуссарирыстойнаг паддзахаддзинады арæзтады æмæ хæстон архæйдтыты, хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон майдантæй", - дзырдæуы хъусинаджы.

Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты
Павлов банысан кодта, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ.
"Хорзæхтæ алыхатт дæр ссарынц сæ хъайтарты! Афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы дæр – хъайтартæн хорзæхтæ дæттой дæсгай азты фæстæ дæр", - бахахх кодта министр.
Хъахъхъæнынадон уагдоны сæргълæууæджы цæст бауарзта ветерантæн фидар æнæниздзинад, амонд æмæ хæрзæбон. Ветерантæн ма раарфæ кодта статс-секретарь, хъахъхъæнынады министры хæдивæг, инæлар-майор Сиукъаты Вадим. Мадзалы хайадисджытæ радзырдтой сæ мысинæгтæ цауты тыххæй, кæцытæ цыдысты 2008 азы августы хæсты рæстæджы.
Хуссар Иры Хъахъхъæнынады министрады схорзæхджын кодтой республикæйы хъахъхъæнджыты