Дыккаг бон уæтæрмæ удаистæй схæццæ ис Долат.
— Дзанг, æвæстиатæй цæугæ мемæ, æлдар дæм дзуры.
— Цы мын нывæрдта ме ’лдар? — лæппу хындæылæдæы ’рдæм аздæхта Долаты ныхас.
— Нæ зонын. Тынг мæсты у. Бæстæ йæ сæрыл исы.
"Цæуыл мæсты уыдзæн" — цыдæр тæссаг хабар банкъардта лæппу.
Дзанг æлдары баййæфта кæрты, йæ цæсгом тудæы азылд, æрфгуытæ, хæцат фырытау, кæрæдзийы ныхмæ фесты. Дзандæы куы ауыдта, уæд æнæуынон, хæрам цæстæй ацамыдта — мæ фæдыл, зæгъгæ.
Зæрдæдзургæ, уæнгтæсастæй лæппу араст æлдары фæдыл ныккæндмæ. Æлдар ныккæнды дуар мидæгæй æрыхгæдта, стæй иу богъ фæкодта лæппуйыл:
— Ды зоныс, дзæгъæлзад, хуыйы сыстау кæдæм сбырыдтæ, уый?! — Æлдары хъоппæг цæстытæ, фаты бырынчъытау, ныззылдысты лæппуйы æмæ дзы иннæрдæм ахызтысты.
— Цы хабар у, æлдар, ницы зонын, — æлдары тызмæг, мæсты цæстæнгас нæ баурæдта.
— Зоныс, саубæрзæй! Æмæ мын æргом зæгъ, цы иудзинад дын ис мæ чызгимæ?! — фергом ис æлдарæн нæ ныхас.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.