Хъæбатыр хæстон: Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн. Граждайнаг панихидæ ацыд Цхинвалы микрорайон БАМ-ы Плиты Харитоны уынгыл.
Хъæбатыр хæстоны афæндараст кæнынмæ æрбацыд республикæйы къухдариуæгад президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, афтæ ма тыхон структурæты æмæ депутатон корпусы минæвæрттæ.
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн
Тамерлан ахицæн йæ цардæй 21-аздзыдæй. Уый фæндыд баххуыс кæнын Донбассы цæрджытæн. Остъаты бинонты хиуæттæ куыд радзырдтой фыдохы митингыл, афтæмæй æвзонг лæппу йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй, кæцы алыхатт дæр бырста размæ.
Остъаты Тамерлан фæмард 2022 азы 26 сентябры. Бирæнымæц знæгтимæ фембæлгæйæ, "Ветерантæ" дæлхайад ныппырх кодтой. Бинонтæ бирæ рæстæг фæлвæрдтой ссарын Тамерланы, фæлæ сын æрмæст ныр бантыст.
Остъаты Тамерланы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой майданæй "Фыдыбæстæ хъахъхъæнæгæн".
Цхинвалы фæстаг хæрзбон загътой Остъаты Тамерланæн