Цæгат Иры хæдтулгæ скъуырдта дыууæ сылгоймаджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Дзæуджыхъæуы Кировы уынгыл хæдтулгæ скъуырдта дыууæ сылгоймаджы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны пресс-службæ.
Развæлгъау информацимæ гæсгæ, хæдтулгæ ВАЗ-2114 баскъæрдта дыууæ сылгоймагыл, кæдон хъуамæ ахызтаиккой фæндаг æнæмбæлон бынаты.
Аварийы фæстиуæгæн зианбаййафджыты баластой Республикон клиникон рынчындонмæ. Ныры рæстæджы пъæлицæйæгтæ бæрæг кæнынц æрцæугæ цауы æууæлтæ.
Цæгат Ирыстоны æрцыд ФТЦ: зиан баййæфта иу адæймаг