Гъе-мардзæ, исчи!

27. САНЕТ ХАТЫ БЕРДМÆ

Sputnik
Базæронди Слонаты мыггадæы хистæр, æддæмæ нал хизы йæ уатæй. Знон Дзабедæы чындзæхсæвы дæр нæ уыди æмæ сæ хъæубæсты цы хабæрттæ æрцæуы, уыдон æм кæд исчи æрбахуын кæны, кæннод сын ницыуал фæзоны. Абон райсомæй йæм сæ мыггадæы идæдз Са­нет тыхстæй æрбацыд. Санет чындзы куы æрцыд, уæдæй абонмæ уайсадгæ кæны мыггадæы хистæрмæ. Фæлæ йæ ныр стыр мæт æрбаскъæрдта йæ разæй æмæ йын айхæлдта йе ’ взадæы æлхынцъ.
— Ныххатыр кæн, нæ хистæр, фæуынгæдæы мæ хъæбул — дæ кæстæр, æмæ дæм суагътон уый тыххæй мæ цæсгом, — стыр зынтæй, йæ кæуындзæг йæ хурхысæрты, тыххæйты рæйдыдта йæ ныхас уайсадæг идæдз. — Никуы рацыдтæн фыдæлты ’фсармыл хинæй, дæхæдæг мын — æвдисæн. Æниу мæ сæрыхицауы амарды фæстæ бирæ зынтæ бавзæрстон — зоныс, фæлæ ныр... Дæуæй хуыздæр кæмæн зæгъон мæ мæт, нæ зонын. Нæ хистæр, де ’ххуысы сæр мæ бахъуыд, — ус Берды раз йæ зонгуытыл æрхауди.
Берд — мыггадæы фарн, зонддæын хистæр, бамбæрста, йæ мыг­гадæы намысдæын уайсадæг идæдз æнæхъуадæы кæй нæ ахызт æгъдауы сæрты, цавæрдæр тыхы уылæн æй кæй æрбахаста æмæ йæ хуыссæны рабадт.
— О, æз дын куыд амардтæн, чындз, цы хабар у, цы фыд æрцыди? Дзур-ма... æрмæст уæлæмæ сыст.
— Мæ лæппу, Габо... Дысон хæдзары нæ уыди.
— Габо? Дзабегæн, дам, къухылхæцæг куы уыди фехъуыстон. Чизоны, фысымтæм баззад, — Берд ныфсытæ æвæрдта Санетæн.
— Нæ, уырдыгæй дысон изæрæй рацыд. Хæдзармæ нæ баздæхт... Дысон бонмæ йæ Дзангимæ фæцагуырдтам æмæ йæ райсом хосдоны ссардтам.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.