Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik. Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты æмæ призерты уæгъдибар хъæбысхæстæй æрыгæтты хсæн. Уый тыххæй хъусын кæны спорты министрады пресс-службæ.
Спортивон мадзæлттæ ацыдысты спорты Галуан "Манеж"-ы. Хайад дзы райстой 21 азы кары онг фæсивæд.
Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй
Чемпионаты уæлахиздзаутæ ссисты Гобозты Тамерлан (57 кг), Бекъойты Давид (61 кг), Цомайты Марат (65 кг), Цгъойты Арсен (70 кг), Гасситы Руслан (74 кг), Джиоты Артур (79 кг), Гагулты Алан (86 кг), Карсанты Хетæг (92 кг), Гаглойты Инал (97 кг) æмæ Чилæхсаты Алан (125 кг).
Турниры хайад истой 150 спортсмены алыгъуызон спортивон скъолатæй. Дыууæбойнон ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фондз уæзы категорийы уæлахиздзаутæ бахаудзысты республикæйы командæмæ æмæ хайад райсдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады.
Цæгат Иры сбæрæг кодтой республикæйы фыццагады уæлахиздзауты уæгъдибар хъæбысхæстæй