Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 янв – Sputnik, Гæбæраты Элина. Цхинвалы фæцис республикæйы командон чемпионат шахматтæй скъоладзауты æхсæн. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ фыццаг бынат бацахста гимнази "Альбион", дыккаг бынатыл та ацыд аивæдты Лицей. Æртыккаг бынат райста дыккæгæм скъола æмæ цыппæрæм бынатыл та ацыдысты дыууадæсæм скъолайы ахуырдзаутæ.
"Номинаци "Иуууыл фæстиуæгджындæр ралæуд чызджыты ‘хсæн" рамбылдта 12-аздзыд Тыбылты Алана гимнази "Альбион"-æй.
Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн
Ерыстæ цыдысты Колыты Аксойы номыл паддзахадон аивæдты Лицейы. Турниры хайад райстой 13 командæйы столицæйы скъолатæй, афтæ ма иу командæ та Дзауы районæй. Чемпионаты хайад истой 12 азы кары онг сывæллæттæ.
Мадзалы организатортæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Шахматты Федераци, уæлдæр спортивон дæсныйады скъола æмæ аивæдты Лицей.
Цхинвалы сбæрæг кодтой хуыздæр шахматистты скъоладзауты ‘хсæн