Хуссар Иры премьер фембæлд уæрæсейаг банк ВТБ-йы къухдариуæгадимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин фембæлд банк ВТБ-йы къухдариуæгадимæ.
Фембæлды сæйраг фарстытæ уыдысты республикæйы территорийыл архайгæ инвестицион проекттæ æмæ æмгуыстад 2022-2025 азтæм Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты Паддзахадон программæйы фæдыл.
Республикæйы хицауады пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй премьер-министр ис кусæгон балцы Мæскуыйы. Балцы фæлгæтты нывæзсты ис Джуссойты Константины цалдæр фембæлды уæрæсейаг банкты къухдариуæгадимæ республикæйы социалон-экономикон райрæзты актуалон фарстыты фæдыл.
Хуссар Иры æрныхас кодтой 2022 азмæ Инвестпрограммæйы реализацийы фæстиуджыты тыххæй