Гаглойты Алан сарæзта кадрон ивындзинæдтæ юстицийы министрады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бафыста барамынд Æлборты Родионы юстицийы министры фыццаг хæдивæгæй снысан кæныны фæдыл. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Афтæ ма Гаглойты Алан бафыста барамынд Цхуырбаты Нинайы юстицийы министры хæдивæгæй снысан кæныны фæдыл.
Барамындтæ сæ тыхы бахызтысты сæ бафысты бонæй, 1 февралæй.