Гъе-мардзæ, исчи!

33. ХÆСАНÆ ÆМÆ ЗÆРИНÆЙЫ ФЫЦЦАГ ФЕМБÆЛД

Sputnik
Æхсæвы лæг йæ чызджы халагъуды схуыссын кодта, мæнæн æмæ йæхицæн та халагъуды фарсмæ хосы уæлæ нымæттæ æрытыдта.
Æрæгмæ бафынæй дæн уыцы æхсæв. Мæ сæрмæ бур-бурид фиуау æрзæбул и мæйы тымбылæг. Дæлийæ кæмдæр арф комæй суанг æфцæджы рагъмæ хъуысти æхсæрдзæны æнуд уынæр, мæ тæккæ акомкоммæ комæн йæ иннæ фарсы ’рдыгæй Тызмæг хохы дæлвæдджийæ суанг дæр комы хъæлæсмæ, галы æвзагау, æрлæсти урс-урсид уадздзæг.
Мæ сæры рыст банцад. Диссаг, цымæ мын ыл цавæр кæрдæджы­тæ сæвæрдтой? Науæд мæ ивддзагæй цæмæн ныммырхтой? Чи у уыцы лæг — сæ зæрдæты сын мæт чи бауагъта? Стæй ацы чызг Зæринæ? Куыд цæрдæг æмæ хин разынд, куыд мæ афæлывта. Æниу, æвæдза, куыд рæсугъд у æмæ цы æвгъау у ам æфцæджы цьуппыл фосы фæдыл. Абон изæрæй мæм цалдæр хатты йæ цæсты зулæй хъуызгæ каст æрбакодта. О, ме скæнæг, æмæ йын цы цæстытæ ис, цы цæстытæ. Стæй цы гуыры конд. Зæххон дæр нæ, фæлæ уæларвон зæд.
Срæйдта мæ фысымы куыдз. Фыццаг сабыргай, стæй фæдис хуызæй. Æвæццæгæн, æввахс кæмдæр сырд, гъе, æндæр цыдæр ахæм фыдбылыз фæзынди.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.