Æфцæгыл фыййæутты халагъудмæ хæстæг бады Хъуынцел æмæ, зæлдаг æлвисæгау, йæ хъуыдытæ æлвисы. Табу Хуыцауæн, хъуыддæгтæ хорз цæуынц. Йæ дзугтæй цы къуымбил æлвыны, уымæн чысыл нæ уыдзæн йæ пайда. Йæ фос дæр азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Сæрвæт сын нал фаг кæны. Бæргæ, уæртæ Доттийы сæрвæттæ исты хуызы йæхирдыгæй куы фæкæнид, фæлæ йæ фырт Солым — хин рувасау, зыд бирæгъау. Нæ йæм æххæссы Хъуынцел. Йæ хъæубæстæй та кæмæй цы ратона — тыхст сты. Хъуынцелы та хизæнуæттæ хъæуы. Нырмæ йæ зæрдæ нæ ради. Ныр табу йе сфæлдисæгæн, бынтæ кæмæн ныууадза, ахæм йæ уæзæгыл фæзынд. Амондджын у Хъуынцел. Ныр æнцад-æнцойæ амæлдзæн æмæ мæрдты фæсмонæй нал хæлдзæн йæ игæр.
Хохы ’рдыгæй раулæфыд ирдгæ. Йæхи расæрфта Хъуынцелыл. Лæг суазал. "Цæй, чысыл æрулæфон", зæгъгæ, йæ къахдзæфтæ нымайгæ йæ хуыссæнмæ араст. Халагъудмæ бахизон куыд загьта, афтæ йæ фыййæуттæй мидæгæй сæ иуы хъæлæс, карды комау, ныцъцъыкк ласта:
— Уыцы зæронд бирæгъ фынæй дæр нал кæны, æвæццæгæн, йæ фысты къуымбилæн адавынæй тæрсы...
Цымæ кæмæн бынтæ кæны, емынæ? Мæнæ уæдæй нырмæ чи хуыррытт кæны, уыцы зондцух фыртæн? Æви сæ мæрдтæм йемæ ахæссынмæ хъавы?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.