"Тых ныл кæнæт æрмæстдæр уарзт". Цхинвалы ацыд Галуанты Людмилайы мысæн изæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 фев – Sputnik, Гæбæраты Элина. Концерт, кæцы нывонд уыд, Галуанты Людмилайæн - "Тых ныл кæнæт æрмæстдæр уарзт", ацыд знон изæр Паддзахадон драмон театры сценæйыл Цхинвалы.
Мадзалы размæ Паддзахадон драмон театры коллектив æмæ уазджытæ, кæцытæ æрцыдысты концерты хайад райсынмæ, сæвæрдтой дидинтæ Галуанты Людмилайы ингæнмæ.
Легендарон гоймаджы рухс ном ссарынмæ æрбацыдысты республикæйы дæсгай цæрджытæ. Концерты хайад райстой паддзахадон ансамбль "Симд"-ы нæлгоймæгты хор, афтæ ма Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны артисттæ: Æлборты Владимир, Бекъойты Вано, Гуцаты Нодар, Джихайты Рустам, Куымæридтаты Тенгиз, Лалыты Хъазбег, Саппиаты Зæлинæ, Хæдыхъаты Алла, Харебаты Вадим æмæ Хаситы Сослан.
Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ Галуанты Людмила уыд номдзыд актрисæ, поэтесса, æппæт дуджы ирддæр минæвар.
Галуанты Людмила йæ цард снывонд кодта театрæн. Хуссарирыстойнаг драмон театры сценæйыл актрисæ равдыста дæсгай ирд фæлгонцы.
Галуанты Людмилайы уацмыстæ æмæ фæлгонцтæ зындгонд сты Ирыстоны, йе ‘мвдзæвгæтæ ахуыр кæнынц фæсивæд æмæ хистæр кары адæм дæр.