Хæсанæ йæ къух раджы ауыгъта, зæнæг ма йын уыдзæн, уыцы хъуыддагыл. Æнхъæлмæ дæр нал каст. Фæлæ дын мæнæ Хæсанæйы фынæй амонд райхъал. Иу изæр фæлладæй æрыздæхти йæ куыстæй. Зæринæ, хурау худгæ, рауади йæ размæ.
— Не ’фсин, цыдæр хорз ныл æрцыд, æгæр хъæлдзæг дæ абон? — Хæсанæ цымыдисæй афарста Зæринæйы.
— Æрцыд, Хæса, æрцыд, — йæ цæсгом, хурау, худти усæн æмæ-иу иу хатт, æвзонг ма куы уыдысты, уæд куыд кодта, афтæ ныр дæр йæ мойы æфцæгыл атыхст æмæ йын йæ хъусы бадзырдта: — Тагъд нæ хæдзары фæзындзæни саби.
— Цæй саби? — нæ бамбæрста лæг.
— Махæн, Хæса, махæн, — ус йæ риумæ тынгдæр балхъывта йæ лæджы.
— Махæн? Цытæ мын дзурыс, Зæринæ? — нæ баууæндыдис Хæсанæ. — Кæд, мыййаг...
— Нæ, нæ, мæхæдæг дæр не ’ууæндыдтæн, фæлæ абон стæлфыди, мæнæ ам... Фæрдыгæн дæр æй радзырдтон.
— О, стыр Хуыцау, табу дæхицæн!.. Æвæццæгæн дæм фехъуыстис мæ лæгъстæ! Зæринæ, ме ’фсин, уый мын цард куы радтай, — Хæсанæ йæ хъæбысы фелвæста Зæринæйы æмæ йæ, чысыл сабиау, йæ фидар æртты бахаста хæдзармæ.
Æхсæв-бонмæ нæ бафынæй сты ус æмæ лæг.
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.