УУМ аиуварс кодтой зынгсивæрзт Цхинвалы цур

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны зынгфæдисонтæ аиуварс кодтой хус кæрдæджы ссыгъд Цхинвалы цур ТЭК-ы районы, хъусын кæны республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ).
Банысангонд æрцыд, зынгсивæрзты тыххæй кæй фехъусын кодтой радгæсон службæмæ 11.13 сахатыл цыппæрæмы.
Бынатмæ рацыд иу зынгфæдисон хæдтулгæ æмæ оперативонæй ахуыссын кодта арт.