Хуссар Иры парламенты сесси аргъæвтой

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты майрæмбоны ацыд президиумы рабадт. Боны фæткы фарстытæм нывæндысты æркæсын абон.
Президиум æркаст Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы куырдиатмæ ИНО-мæ, цæмæй ауадзой æхсæнадæмон фæдагуырд фыдракæнды фæдыл, кæцы сæххæст кодта АИШ 2022 азы 26 сентябры Балтиаг денджызы, цы ран спырх кодтой газы хæтæлтæ "Северный поток" æмæ "Северный поток — 2". Фарст рахаста æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза. Уыцы фарстмæ æркæсдзысты закондæттæг органы æввахсдæр сессийыл.
Депутаттæ ма æркастысты уæлбар кредиткæнынад æмæ чысыл æмæ астæуккаг бизнесы Фонды бюджет æххæст кæныны фарстмæ 2023 азы.
Боны фæткы ма уыдысты дыууæ фарсты, кæцытæ хаудтой законад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæрдар Габатты Аланмæ. Уыдонмæ æркæсыны размæ спикер Æлборты Алан расидт чысыл паузæ, кæцыйы фæстæ журналисттæн фехъусын кодтой, президиумы рабадт кæй фæцис, абонмæ нысангонд сесси та аргъæвтой æбæрæг рæстæгмæ.