Цæгат Ирыстоны ацыдысты зынгфæдисон ирвæзынгæнджыты ᾿хсæн республикон ерыстæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Зынгфæдисон ирвæзынгæнджыты республикон ерыстæ ацыдысты цæгатирыстойнаг горæт Мæздæджы, хъусын кæны ПТРК "Алани".
Ерысты хайад райстой цыппар командæйы. Хайадисджытæй домдтой, цæмæй сæххæст кæной хæслæвæртæ – зианбаййафджыты ирвæзын кæнын фæндагон-транспортон цауты уавæрты. Оперативонæй рахизын кæнын хæдтулгæйæ зианбаййафджыты æмæ сын фыццаг æххуысæ сифтонг кæнын.
Банысангонд æрцыдис, алы командæ дæр хорз фæстиуджытимæ кæй ралæууыдис, фæуæлахиз ис мæздæджы командæ. Призон бынæттæ чи бацахста, уыцы хайадисджытæн радтой хæрзиуджытæ.