Гъе-мардзæ, исчи!

65. ФÆСТАГ ТОХ

Sputnik
Нарæг къахвæндæгтыл фæсфæд рæтты тындзы фæстæмæ Ас­лæнбег. Знон æгас боны дæргъы агуырдта Чъребайы социал-демократон организацийы бюройы уæнгты, фæлæ дзы никæуыл фæхæст. Абон, сихæрттæм æввахс базыдта, æртæ боны размæ бюройы уæнг­ты кæй æрцахстой. Радзырдтой йын, Хъæссæй Чъребамæ хабар хæссынмæ цы лæппуты рарвыста, уыдон дæр. Чъехты нарæджы хъазахъхъæгты разысгарджыты къухы кæй бахаудтой. Абон сихорыл базыдта: æндæрæхсæв, дам, Гурæй хъазахъхъæгты стыр къорд æд сармадзантæ æрбацыдысты, Чъребайы не ’рлæууыдысты, аф­тæмæй Леуахийы былтыл хæхты 'рдæм фæцагайдтой.
Уыцы хабар фехъусгæйæ, Аслæнбег æвæстиатæй фæстæмæ цæуыныл фæци. Хур аныгуылынхъус уыд, афтæ бахæццæ нарæг коммæ æрхизæн фæндагмæ. Фæуырдыг кæнон куыд загъта, афтæ æнæнхъæ лæджы комы нарæджы ауыдта хъазахъхъæгты, се ’хсæн кæйдæрты скодтой, афтæмæй сæ ракæнынц Чъребайы ’рдæм. Йæ зæрдæ æнахуыр рыст ныккодта, чи сты уыцы барджытæ, кæдæм кæнынц адæмы?
Гаглойты Владимиры роман "Гъе-мардзæ исчи!"-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.