Дзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй хæдтулгæтæй адавыны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 30 мар - Sputnik. Уголовон фæдагуырды кусджытæ æрурæдтой Дзæуджыхъæуы 2002 æмæ 2003 азы гуырд Хуссар Ирыстоны дыууæ цæрæджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы хæдтулгæтæй адавынмæ. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй полици сбæлвырд кодта, "фыдгæнджытæ кæй архайдтой æхсæвыгон, æвзæрстой уæрæсейаг хæдтулгæтæ æмæ дзы давтой магнитолæтæ, музыкалон колонкæтæ, фæсауæрцон цæлхытæ æмæ алыхуызон инструменттæ".
Дзæуджыхъæуы æрурæдтой дыууæ æвзонг лæппуйы Хуссар Ирæй
Фæткхалджытæ басастысты ноджы цалдæр фыдракæнды, кæцытæ сæххæст кодтой Цæгат Ирыстоны столицæ æмæ районты, загътой уагдоны. Адавгæ æрмæджыты иумæйаг суммæ рацыд 60 мин сомы.
Цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг "Адавыны" статьямæ гæсгæ.