Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы администрацийы коммуналон службæтæ бавнæлдтой рагон суадон цалцæг кæнынмæ Икъоты хъæуы. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта районон администрацийы пресс-службæйы хайады хистæр Кокойты Анжела.
Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы
Йæ ныхæстæм гæсгæ, суадон ифтонг кæны донæй æппæт хъæу – 50-йæ фылдæр хæдзары, фæлæ фæстаг азты дæргъы доны гуырахст зынгæ фæкъаддæр.
"Районы администрацийы сæргълæууæг Гæджиты Иларионы фæдзæхстæй ЦКХ кусджытæ раивдзысты доны хæтæлы зæронд трубæтæ. Суадоны алыварс территори сфæлындзысты æрдзон дуртæй", - загъта Кокойты Анжела.
Уый банысан кодта, куыстыты кæй архайынц бынæттон цæрджытæ дæр, уыдоны сæхи бафæндыд æркæнын уагмæ нуазыны доны иунæг ратæдзæн.
Кокойты Анжела бахахх кодта, куыстытæ кæй нывæндынц балхынцъ кæнын къуырийы дæргъы.
Хуссар Иры Ленингоры районы цалцæг кæнынц рагон суадон Икъоты хъæуы