Хуссар Иры хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны автофæндаг Цхинвал-Дзæуджыхъæуы фыццаг километрыл хæдтулгæ сæмбæлд хиды æмбондыл. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Авари æрцыд хуыцаубоны æхсæвы. Куыд банысан кодтой уагдонады, хæдтулгæйы шофыр нæ сарæхсти скъæрын. Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн æй баластой Цхинвалы республикон рынчындонмæ буары цæфтимæ.
Ныртæккæ уал аварийы уавæртæ бæрæггонд цæуынц.