Къуайса æмæ Къуыдаргомы хъæуты донифтонгад æрурæдтой доны хæтæл цалцæг кæныны тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къуыдаргомы цæрæг пунктты 11-12 апрелы донифтонгадыл сæвæрдзысты арæнæвæрд Везур-Къуаисайы доны хæтæлы сæйраг арæзты сыгъдæг кæныны куыстытæ кæй цæудзысты, уый тыххæй фехъусын кодта горæт Къуайсайы мэр Хуыгаты Алан.
"Дыууæ боны, дыццæг æмæ æртыццæджы, донифтонгад æрлæудзæн райсомы 9.00-æй изæры 7.00 сахатмæ Къуайса æмæ йæ арæнгæрон хъæуты. Куыстытæ уагъд цæуынц Къуайсайы донифтонгадимæ проблемæтæ аиуварс кæныны тыххæй", - банысан кодта горæты мэр.
Хуыгаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, ахæм куыстытæ доны хæтæлыл уадзынц фыццаг хатт. Куыстытæ æххæст цæуынц бюджетон субсидиты руаджы, кæцытæ нысангонд сты Хуссар Ирыстоны донифтонгад фæхуыздæр кæныны тыххæй.