Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты Культурæйы хæдзар

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Алагиры азы кæронмæ среставраци кæндзысты культурæйы хæдзар "Комсомолец". Уый тыххæй радзырдтой дыццæджы Цæгат Ирыстоны хицауады рабадты.
Банысангонд æрцыдис, объект кæй ратдзысты республикæйы паддзахады къухмæ.
Премьер-министр Дзанайты Борис барамынд радта уагдонадæн, цæмæй куысты гъæд æмæ аразыны рæстæгмæ йæ хъус дара. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы объект ис социалон-экономикон райрæзты хыгъды.
Уый бафтыдта азы кæроны Алагиры цæрджытæн кæй уыдзæн æмбæлон культурæйы хæдзар.