ЦХИНВАЛ, 21 апр – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты мэри æрурæдта куырдиатты исын зæххы хæйттæ радтынæн арендæ æмæ æнæ æмгъуыдæй пайда кæнынæн, уый тыххæй барамынд публикацигонд æрцыд Цхинвалы мэрийы Телеграм-каналы.
Горæты администрацийы банысан кодтой, мадзæлттæ ист кæй æрцыдысты Цхинвалы зæххы фонды инвентаризацийы нысанæн æмæ раздæр цы зæххы хæйттæ радтой пайда кæнынмæ, уыдоны закъондзинад сбæрæг кæнынæн столицæйы генпъланмæ гæсгæ арæзт сты æви нæ, æмæ сæ нысанмæ гæсгæ пайда кæнынад.
Уымæй дарддæр, Цхинвалы администрацийы исбонон-зæххон ахастыты æмæ архитектурæйы фæткдаруатæн æмбæлы зæххы хæйттæ арендæ æмæ æнæмгъуыдмæ пайда кæнынæн радтын, афтæ ма арендæйы барты раивд сæрмагонд барамындмæ æруромын, бафтыдтой мэрийы.