Гаглойты Алан æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады кусджытæн сæргълæууæджы ног хæдивджыты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Тъехты Дзерасса. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисæры æрбавдыста хъахъхъæнынады министрады коллективæн министры ног хæдивджыты. Гарзджын тыхты Генштабы сæргълæууæджы бынатмæ æмæ министры фыццаг хæдивæджы бынатмæ паддзахады сæргълæууæджы барамындæй нысангонд æрцыдис Болататы Алан.
Болататы Алан
Танделаты Вепхвия нысангонд æрцыд фæсфронт хъахъхъæныны министры хæдивæгæй, Сабанты Инал та сæрмагонд арæзтимæ куысты фæдыл министры хæдивæгæй. Президент банысан кодта ныр штабы бирæ куыст кæй ис.
1 / 3

Болататы Алан

2 / 3

Танделаты Вепхвия

3 / 3

Сабанты Инал

"Ис бæрæггонд бадзырдтæ, ис фæндагон картæ, кæцымæ гæсгæ мах нывæстон æгъдауæй скъуыдздзаг кæндзыстæм нæ размæлæууæг фарстатæ, уыимæ иумæ мызд фæфылдæр кæныны фарста, æфсæддонты куысты уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Мæнмæ гæсгæ, æввахс рæстæджы мах фендзыстæм позитивон ивындзинæтæ", банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент раарфæ кодта æмæ сын йæ зæрдæ загъта пайдахæссæг куыст коллетивимæ æмæ æнтыстытæ.