Хуссар Иры столицӕйы ӕвӕрынц подъездты агъуысттӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайоны бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы агъуындынц подъездтӕм бахизӕнтӕ, радзырдта Sputnik цӕрӕн-эксплуатацион канторы хистӕр Хъотайты Алан.
Куыстытӕм бавнӕлдтой ивгъуыд къуыри.

"Хӕдзары цӕрджыты коммуналон фиддонты хӕрдзтӕй Плиты Харитоны уынджы 31 хӕдзары подъездмӕ бахизӕнтӕ агъуыст кæнынц", - загъта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, аразинаг сты бахизӕн асинтӕ дӕр, уыдон сцалцӕг кӕндзысты корпусы цӕрджытӕ сӕ коммуналон хӕстимӕ куы сраст уой, уæд.
"Ис сын 200 мин сомы хӕс, цӕрджытимӕ ныхас кодтам ӕмӕ ныфс радтой сӕ хӕстимӕ кӕй сраст уыдзысты, ӕмӕ уӕд мах дӕр баххӕст кӕндзыстӕм нӕ куыстытӕ", - бахахх кодта уый.
Установка козырьков над подъездами жилого корпуса в Цхинвале