ЦХИНВАЛ, 26 апр – Sputnik, Козаты Диана. Паддзахадон бюджеты æфтиаг фарон уыд 8 млрд 795 млн сомы, фехъусын кодта республикæйы финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.
Хицауады рабадты æртыццæджы Кабмин сразы ис 2022 азы паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй закъоны проектыл.
Министры ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цыдысты æхсæз хатты, æмæ бандæвтой йæ структурæйыл - фæегъаудæр ис. Уымæ гæсгæ къазнайы æфтиаг ссис 9 млрд 307 сомы, хæрдзтæ чысыл фылдæр – 10 млрд 56 млн сомы.
Уыимæ иумæ сæвзæрд дефицит 749 млн сомы, уый баххæст кæнынæн спайда кодтой 2022 азы райдианмæ ма цы бынтæ баззад, уыдонæй.
"Бюджеты бындурон параметртæ – у Уæрæсейæ финансон æххуыс, 80 процентæй фылдæр, 19,6 проценты сты республикæйы йæхи æфтиаг", - загъта финансты министр.
Куыд банысан кодта министр, хисæрмагонд æфтиаг бындуронæй цæуы физикон гоймæгтæ, æфиагмæ хъалон, акцизтæ æмæ таможнæйы фиддонтæ. Бындурон фидджытæ сты æхсæнадæмон хынцæн банк, "Остелеком", Газпром – Южная Осетия, БТК-4, "Энергоресурс" æмæ бюджетисджытæ.
Инвестпрограммæйы реализаци кæныны тыххæй фарон рахицæн кодтой 1 мрлд 301, æххæст æрцыд 100 процентыл, банысан кодта Минфины сæргълæууæг.