Коцойты Арсен.Уацмыстæ

КОЦОЙТЫ АРСЕН. ДЖАНАСПИ. 5 ХАЙ

Sputnik
Колхозон фæсивæдæй йыл дзырдтой чидæртæ, фæлæ уый ныфс никæмæн лæвæрдта. Кæмæ æнхъæлмæ касти, уый рабæрæг ис чысыл фæстæдæр.
Чермен бамбæрста, æнæ Тамарæйы цæрын кæй нæ бафæраздзæн, уый. Чызгыл дзурджытæ куы фæзынди, уæд лæппу старсти, йæ уарзон æндæр искæй хай куы фæуа, уымæй æмæ арæхдæр цæуын байдыдта колхозы куыстытæм. Тамарæйы бригадæ кæм куыста, йæ цыд-иу уырдæм уыди. Хъыгдаргæ нæ кодта кусджыты, фæлæ сын-иу æххуыс дæр акодта. Тамарæимæ аныхас кæнын ын-иу куы бантысти, уæд-иу цинæй марди. Иу хатт йæхи фæхъæбатыр кодта æмæ йын загъта:
— Тамарæ, мæ удæй дæ фылдæр уарзын. Нал фæразын æнæ дæу цæрын. Кæд дын æнад нæ дæн, уæд нæ цард баиу кæнæм.
Тамарæ йæ сау цæстытæ зæххы ацавта æмæ дзæвгар хъусæй алæууыди, стæй, иуварсмæ кæсгæйæ, сындæг сдзырдта:
— Чермен, уарзын дæ æз дæр. Разы дæн мæ цард дæ цардимæ баиу кæныныл, фæлæ цæмæй цæрдзыстæм, — колхозы куы нæ стут сымах? Иу хатт балæвæрдтат гæххæтт æмæ уæ нæ айстой. Авзарын хъæуы ноджыдæр, чи зоны, кæд уæ ныр айсиккой, фыццаджы хуызæн карз цæстæнгас нал ис хъуыддагмæ... Кæд уæ айсой, уæд разы, уæд нæ фæнд æххæст кæндзыстæм. Кæд уæ нæ айсой, фæлтау афтæ баддзынæн. — Дзырд куы фæци, уæд комкоммæ бакасти Черменмæ, — стыр адæргæдзинад зынди лæппуйы цæсгомыл. Йæ фындзы бын гыццыл рихи схъаудта æмæ æнæбæрæг кæдæмдæр касти.