Цæгат Иры фондз цæрæджы зиан баййæфтой мæнг банкиртæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 мая – Sputnik. Цæгат Ирыстоны мæнг банкиртæ расайдтой республикæйы цæрджытæй фондзæй 2 000 000 сомæй фылдæр. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Цæстфæлдахджытæ баууæндын кодтой сæхиуыл æмбæстæгты æмæ сын саразын кодтой æндæр хыгъд, бауырнын сæ кодтой, уыцы хыгъды фæрцы се ᾿хцайы фæрæзтæ кæй бахъахъхъæндзысты.

"Æрбадзурджытыл баууæндгæйæ, зианбаййафджытæ инструкцитæм гæсгæ бакодтой ног хыгъдтæ, уырдæм ракодтой се ᾿хцатæ. Операцийы фæстæ мæнг банкиртæ ахицæн кодтой бастдзинад, ног хыгъдты бæрæггæнæнтæ нал фехъусын кодтой", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ацы фактмæ гæсгæ сцырын кодтой уголовон хъуыддаг. Ныры рæстæджы бæрæггонд цæуынц хъуыддаджы аххосджынтæ æмæ сæ бынат.