Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы банысан кодтой мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон.
Хицауад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, стӕй ма скъоладзаутӕ Иры иууыл зындгондӕр гоймаг - Хетӕгкаты Къостайы цырты рӕбынмӕ бахастой дидинтӕ, дзырдтой ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ирон ӕвзаджы ахадындзинадыл. Ӕмдзӕвгӕтӕ радзырдтой поэзийы конкурсы финалисттӕ.
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон
20 азы размӕ 15 май снысан кодтой Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонӕй, датӕ равзӕрстой Хетӕгкаты Къостайы "Ирон фӕндыры" рацыды бон.
Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг Дыгъуызты Лиана ирон ӕвзаджы бахъахъхъӕныны сидт бафидар кодта Абайты Васойы ныхӕстӕй.
"Фыццаг рады мӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр хӕдзары дзурой иронау. Ныстуан нын уӕд Абайты Васойы ныхӕстӕ - алкӕцы хӕдзары къулыл дӕр фыст уа "ам дзурынц иронау", - банысан кодта уый.
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон
Ӕхсӕнадон архайӕг Плиты Инал бакаст Къостайы "Ныстуан" ирон ӕмӕ болгайраг ӕвзагыл ӕмӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, 90-ӕм ӕзты ирон адӕмы тох райдыдта мадӕлон ӕвзаджы сӕрыл.
Ирон ӕвзаджы райрӕзт ӕмӕ бахъахъхъӕныны амӕлттыл дзырдта библиотекӕйы кусӕг Гуыззытаты Этери.
"Дзурут уӕ зӕнӕгимӕ иронау, уырыссагау сахуыр уыдзысты, стӕй уырыссаг ӕвзагӕн фесӕфынӕй тас дӕр нӕу. Ахуыр кӕнут ӕвзӕгтӕ, фӕлӕ сӕйраг кад кӕнут мадӕлон ӕвзагӕн", - загъта уый.
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бӕрӕгбоны фӕдыл президенты номӕй раарфӕ кодта йӕ администрацийы сӕрдары хӕдивӕг Цоциты Анна.
Цхинвалы банысан кодтой ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон