Хуссар Иры хъæууон хæдзарады министрад хайад райсдзæн семинар "День поля"-йы Ставрополы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 май – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон хайад райсдзæн зонадон-практикон семинар "День поля"-йы, кæцыйы организатор у Цæгат Кавказы федералон зонадон аграрон центр. Мадзал ацæудзæн ацы аз сæрды. Уый тыххæй Sputnik-ы пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан.
Хуссар Ирыстоны хайадисты тыххæй скъуыддзаг райстæуыд Центры директор Валерий Кулинцевимæ фембæлды рæстæджы, кæцы ацыд фыццаг Кавказаг инвестицион равдысты фæлгæтты.
"Центры разамонæгимæ фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ мах бадзырдтам, цæмæй хайад райсæм мадзалы. Афтæ ма мах нывæндæм бафыссын бадзырд, кæцымæ гæсгæ нæ бон уыдзæн пайда кæнын нæ республикæйы хъæууон хæдзарады къабазы хоры культурæйы ног сорттæй", - загъта Мæргъиты Алан.
Хъæууон хæдзарады министрад æххуыс кæны Хуссар Иры фермертæн – уагдоны разамонæг