Дзæуджыхъæуы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы æрæвнæлдтой Терчы донбыластæрды хæрзарæзтадон куыстытæм, Баяты Чермены уынг æмæ Штыбайы фæзуаты районы. Уый тыххæй йæ Телеграм-каналы фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав.
Банысангонд æрцыдис нывæсты кæй ис тротуарон хайы хæрзарæзт. Æнæхъæнæй рацараздзысты донбыластæрды уæллаг ярусæй дæллагмæ æрхизæн. Асинтимæ иумæ фæзындзæн пандус дæр. Афтæ ма нывæсты ис фæлгастон фæзуат саразын æмæ техникон хиды реконструкци. Хæрзарæзтады нывæстмæ бахаудта фæлгастон мæсыг дæр.
Донбыластæрды арцæудзæн велосипедон фæндаг раздæры завод "Электроцинк"-æн аварион шлюзы бынаты. рагæй фæтстæмæ нæ кусы, фæстаг азты та ссис кæлмытæ æмæ хæфсыты æвзæрæн горæты астæу", - ныффыста уый.
Милдзыхты Вячеслав бафтыдта, куыстытæ балхынцъ кæнын 1 сентябрьмæ.