Хуссар Ирыстоны аиуварс кодтой Чъехы донхæрæн каналы авари

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 июл – Sputnik. Паддзахадон фæткдаруат "Мелиораци"-йы кусджытæ аиуварс кодтой Чъехы донхæрæн каналы хæйттæй иуы, хъусын кæны Хъæууон хæдзарады пресс-службæ.
Раздæр цалцæггæнæн куыстыты тыххæй аскъуыдздзаг кодтой рæстæгмæ канал æрæхгæнын.
"Ныр дон парахатæй цæуы донхæрæн каналмæ Цхинвалы æмæ Знауыры районты хъæутæм", - банысан кодта ПФ "Мелиораци"-йы сæргълæууæг Годжысаты Таймураз.
Чъехы донхæрæн каналы иу хайыл æрцыд авари