Дзӕуджыхъӕумӕ ӕрцыдысты ӕхсӕз ног автобусы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл – Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы фӕзындысты фыццаг ног автобустӕ ПАЗ Vector Next, хъусын кӕны столицӕйы администрацийы пресс-службӕ.
"Ног транспортон фӕрӕзтӕн ис кондиционеры системӕ, видеоцӕстдарды камерӕтӕ, электронон табло, тахографтӕ, ГЛОНАСС/GPS мониторингы системӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Автобустӕ ӕлхӕд ӕрцыдысты ПАО "Сбербанк"-имӕ лизинг бадзырды фӕлгӕтты ӕхсӕнадон транспорты модернизацийы фӕдыл куыстыты рӕстӕджы. Республикӕмӕ ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдӕппӕт ӕрцӕуой ӕхсӕнадон транспорты 28 иуӕджы. Ӕхсӕз автобусы ӕрцыдысты абон, аннӕтӕ та ӕввахс рӕстӕджы.
Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы транспорты министрад хорзыл банымадта куырдиат 300 милуан сомы бӕрц субсидитӕ райсыны фӕдыл. Уый руаджы ӕлхӕд ӕрцӕудзысты ноджы 32 автобусы горӕты маршруттӕн.