Хуссар Иры Ӕмдзӕрины хъӕу хатынц сӕ хъӕуы зӕронд ном "Цъинагар" раздахын

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Ӕмдзӕрины хъӕуы цӕрджытӕ хатынц фӕстӕмӕ раздахын сӕ зӕронд ном - Цъинагар, уый тыххӕй цӕрджытӕ ӕрдзырдтой президент Гаглойты Аланимӕ фембӕлды рӕстӕджы.
Хуссар Ирыстоны 2010 азӕй фӕстӕ архайдта сӕрмагонд къамис, кӕцы куыста гуырдзиаг топонимтӕ ивыныл.
Паддзахады разамонӕг бафиппайдта, цӕмӕй ӕрӕмбырд кӕной ӕнӕмӕнгхъӕугӕ гӕххӕттытӕ ӕмӕ сӕ бадӕттой къамисмӕ.
"Къамис цӕрджыты хъуыдыйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ алыг кӕндзӕн ацы фарст", - загъта президент.
Хъӕуы хицау Хуыбылты Маирбег радзырдта Sputnik-ӕн, хъӕуы ном ивд кӕй ӕрцыд цӕрджыты ӕнӕбафӕрсгӕйӕ.
"Нӕ хъусдард аздахӕм ныхасы уидагмӕ. Цъинагар дзырд рацӕуы цинӕй, мах та схуыдтой ӕмдзӕрӕн дӕр нӕ, фӕлӕ Ӕмдзӕрин, ныр уым зӕрдӕмӕдзӕугӕ цы ис", - загъта уый.
Хъӕуы администрацийы хистӕр ма бафиппайдта, уыдон рагӕй архайынц, цӕмӕй сын раздахой сӕ раздӕры ном, цалдӕр хатт ауагътой ӕмбырд, ӕрӕмбырд кодтой къухфыстытӕ.