Хуссар Иры парламенты ӕркастысты инвалидты социалон хъахъхъӕнынады фӕдыл законмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл - Sputnik. Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламенты комитеты рабадтыл ӕркастысты инвалидты социалон хъахъхъӕнынады законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссынмӕ. Уыдон руаджы хъуамӕ сӕвӕрой медико-социалон экспертизӕ уадзыны хӕс ӕмбӕлон уагдоныл, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.
Парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивындзинӕдтӕ хъӕуынц уымӕн, ӕмӕ законмӕ гӕсгӕ ахӕм экспертизӕ хъуамӕ уадза паддзахадон политикӕ аразыны фӕдыл ӕххӕстгӕнӕн хицауады орган ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон хъахъхъӕнынады фадыджы, фӕлӕ йӕ ныр та ӕххӕст кӕны медико-социалон экспертизӕйы уагдон.
Плиты Александр бафтыдта, зӕгъгӕ, законы проект райсынӕн нӕ бахъӕудзӕн уӕлӕмхас хӕрдзтӕ республикӕйы бюджетӕй.
Комитеты уӕнгтӕ хорзыл банымадтой законы проекты рахаст парламенты президиуммӕ.
Социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламенты комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр