Хуссар Иры парламент бахаста ивындзинæдтæ Æддагон разысгæрсты службæйы законмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Æддагон разысгæрсты службæ (ÆРС) нымад æрцыд президенты Информацион-аналитикон службæйы, кæцы архайдта ÆРС-ы арæзтады размæ, бартæ дарддæр кæнæн уагдоныл. Парламент æртыццæджы сессийыл бахаста æмбæлон ивындзинæдтæ ÆРС-ы фæдыл законмæ.
Ивындзинæдтæ сæ тыхы куы бахизой, уæд кусджытæн хъуамæ банымайой президенты администрацийы дæлхайады куысты стаж.
Ивындзинæдтæ банхъардта депутат Санахъоты Давид, æрныхасмæ сæ рахаста хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл парламнетон комитеты сæргълæууæг Бибылты Ацæмæз.
Депутаттæ æмхъæлæсæй сфидар кодтой ивындзинæдтæ.