Хуссар Иры Цъӕйы комы фӕзынд арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Цъӕйы комы сарӕзтой арт-объект Ӕфсатийы хуызистимӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны ӕвӕрд бынаты телеграмм-канал.
"Хъӕддаг сырдты бардуаг Ӕфсати у символикон нӕ территорийӕн, йӕ хъахъхъӕнынады бын сты сырдтӕ ӕмӕ цъиутӕ. Арт-объект ис экологон къахвӕндаг "Шагацикомдон ӕхсӕрдзӕнмӕ" бахизӕн комплексы цур", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Арт-объект саразыны хъуыды фӕзынд ӕвӕрд бынаты директор Дзалаты Олегмӕ. Куыстытӕ сӕххӕст кодтой Дзанайты Азанбеджы номыл Дзӕуджыхъӕуы аивадон ахуыргӕнӕндоны дыккаг курсы студентты.