Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕттӕм абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ, хъусын кӕны къуырисӕры хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны пресс-службӕ.
Экзаментӕ уагъд цӕуынц Багаты Амираны номыл Кадетон скъолайы. Абитуриенттӕ фыццаг хатт дӕттынц фӕлварӕнтӕ цифрон форматы, уый фӕдыл Уӕрӕсейӕ ӕрцыдысты специалисттӕ сӕрмагонд програмон ифтонггарзимӕ.
"Объективондзинадӕн экзаментӕ уагъд цӕуынц компьютерон къласы, уырдыгӕй "онлайн" форматы цӕуы трансляци телеэкранмӕ, уый руаджы ныййарджытӕн фадат ис сӕ цӕст дарын фӕлварӕнтӕм", - банысан кодтой уагдоны.
Хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов бабӕрӕг кодта скъола ӕмӕ басгӕрста фӕлварӕнты цыд, бафтыдтой уагдоны.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг абитуриенттӕн райдыдтой фӕлварӕнтӕ