Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджыты схорзӕхджын кодтой мыхуыр ӕмӕ информаци комитеты.
Кады грамотатӕ райстой агентады хистӕр Хъуылаты Зӕринӕ, шеф-редактор Зассеты Майя, видео хайады хистӕр Ӕлборты Александра, бузныджы гӕххӕттӕй рахицӕн кодтой бильдредактор Хаситы Михаилы.
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ
Паддзахады номӕй хорзӕхтӕ радта президенты администрацийы хистӕры хӕдивӕг Тыбылты Алан. Хорзӕхкӕныны церемони ацыд дзыллон информацийы фӕрӕзты боны цытӕн.
Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕй дарддӕр ма Кады грамотатӕ ӕмӕ бузныджы гӕххӕтытӕ райстой паддзахадон телерадиокомпани "Ир", газеттӕ "Хурзӕрин", "Южная Осетия" ӕмӕ полиграфион баиугонды кусджытӕ.
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ
"Бузныг уын уӕ куысты тыххӕй президенты номӕй. Мах иууылдӕр зонӕм, куыд зын у журналисты куыст", - банысан кодта Тыбылты Алан йӕ раныхасы рӕстӕджы.
Уый ма бафтыдта, фӕстӕдӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты журналисттӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады 15 азы майдантӕ дӕр.
Информацион агентад Sputnik Хуссар Ирыстоны кусджытӕ райстой президенты Кады грамотатӕ