Сæууон хуры тынтæ сæхи бамбæхстой сау асæстыты фæстæ æмæ æрмæст ранæй-рæтты хъазыдысты сау хæхты айнæг фæрстыл. Хаттæй-хатт-иу хуры цæст фæзындис фæндаггæттæм, мигътæ-иу кæрæдзи хуылфы куы ауадысты, уæд арвы цъæх хæдон асæстытæй йæхи хъулон дардта.
Тарстысты бæлццæттæ сау мигъты цæстæнгасæй æмæ-иу Тему Мырзахъмæ фæдзырдта:
–Тагъддæр æвзид бæхтæм, кæннод нæ комы нарджыты къæвда куы æрцахса, уæд дур тулынæй тас у, æмæ ныл исты зиан æрцæудзæнис.
Мырзахъæн уыцы ныхас æхсызгон кæм уыдаид, фæлæ-иу æфсæрмæй æнæдзургæйæ æфсоны "но", зæгъгæ, фæкодта бæхтæн æмæ та-иу бозийы рохтæ бæхтæн сæхи бар ауагъта æмæ уыдон дæр хъазгæ цыдысты. Цæлыччы дæр нæ фæндыдис, цалынмæ Тъæпæнхъæу фæаууон уа, уæдмæ асæпп кæнын, цæмæй йæ сæ хъæуы лæппутæй исчитæ линейкæйы бадтæ федтаиккой, уый тыххæй.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.