Хуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фыццаг президент, профессор, историон зонӕдты доктор Цыбырты Людвиг балӕвар кодта республикӕйы Национ музейӕн йӕ чингуытӕ ӕмӕ нымӕт – йӕ цӕцӕйнаг коллегӕтӕй лӕвар 90 азы юбилеймӕ.
Цыбырты Людвиджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ зонадон архайды иууыл ахсджиагдӕр куыстытӕй сӕ иу у ӕртӕтомон "Ирон Нартиадӕйы эциклопеди".
"Ӕз аскъуыддзаг кодтон балӕвар кӕнын энциклопедитӕ Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры алкӕцы библиотекӕйӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕз сӕ дӕттын мӕ уарзон музейӕн дӕр, цы ран кӕддӕр раджы райдыдтон мӕ зонадон архайд", - загъта Цыбырты Людвиг.
Музейы директор Зассеты Мераб бузныг загъта Цыбырты Людвигӕн коллективы номӕй лӕвары тыххӕй.
"Дӕ куыст у иттӕг ахсджиаг, чингуытӕ ссардзысты сӕ кадджын бынат музейы библиотекӕйы", - банысан кодта Зассеты Мераб.
Афтӕ ма Цыбырты Людвиг бахахх кодта, Национ музей кӕй у Хуссар Ирыстоны символтӕй сӕ иу, ӕмӕ йын тынг ӕхсызгон у балӕвар кӕнын музейӕн йӕ куыстытӕ.
Хуссар Иры фыццаг президент балӕвар кодта Национ музейӕн йӕ куыстытӕ ӕмӕ нымӕт