Дзæуджыхъæуы сывæллæттæн 50 фæзуатæй фылдæр сцалцæг кодтой 2023 азы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik. 2023 азы Дзæуджыхъæуы "Спецэкосервис"-ы кусджытæ ранæуæг кодтой 52 сывæллæтты фæзуаты, хъусын кæны 15 Регион.
Банысангонд æрцыд, фæзуæттæ цалцæггонд кæй цæуынц графикмæ гæсгæ. Куыд радзырдта порталæн уагдоны сæргълæууæг Махъоты Сослан, афтæмæй специалисттæ раивтой цъæл элементтæ, ногæй сахуырстой æмæ æхсидæн куыстытæ бакодтой.
"Цалцæг кæнæм æнæхъæн горæты, сæ уавæрмæ гæсгæ. Цæрджыты куырдиаттæм дæр æркæсæм", - æрхаста портал Махъоты Сосланы ныхæстæ.
Азы кæронмæ Дзæуджыхъæуы нывæсты ис ранæуæг кæнын 172 сывæллæтты æмæ хъазæн фæзуаты.