"Саст рæхыс"

Боциты Барон. Роман "Саст рæхыс". 2.8 хай

Sputnik
Елбердт тæбæгъы мидæг цæхх æмæ нартхоры кæрдзын рахæссы нарæгхъуыр графин æнгуырстуаны хуызæн агуывзæимæ æмæ дзуры Темумæ:
— Фæлæуу, цæудзынæ, мæнæ иу арахъхъ аназ. Ау, уый та куыд? Мæнæ уæрдоны фарсмæ абад æмæ дæхи дзæбæх ауын.
— Бузныг, арфæгонд у! Лæугæйæ дæр дзы аназдзынæн.
—Лæппу, ахæр кæрдзын, кæд дын стонджы у, уæд, — схъуыррытт кодта Елбердт.
Цæлыкк нартхоры кæрдзын Елбердты къухæй райста æмæ йæ хæрын райдыдта. Æртгæнæны сæрмæ фæздæгмæ хъайваныл ауыгъд уыдис æнæхъæн фысы фарс. Скæстытæ йæм кодта Цæлыкк, фæлæ цæстæй цы рацъырдтаид дзидзайы сойæ. Мæнгæй иæ бакæныиц: фæлмæн буар зоны, адджын та — æвзаг.
Дарддæр Боциты Бароны аудиочиныг "Саст рæхыс"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.