ЦХИНВАЛ, 7 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Начърепайы хъæуы этнографион лагеры æртыккаг потокы баулæфдзысты студентон кары фæсивæд, фехъусын кодта къуырисæры республикæйы хицауады пресс-службæ.
Этнолагерь байгом ис 25 июлы. Ныр уым улæфы дыккаг поток, æдæппæт лагеры уыдысты 60 сывæллоны бæрц 14-18 азы кары.
"Нытæккæ арæзт æрцыд æртыккаг поток дæр, кæцыйы уыдзысты студентон кары фæсивæд", - загътой хицауады.
Пресс-службæйы ма бафтыдтой, лагеры кæй уыд хицауады фыццаг вице-премьер Джиоты Алан.
"Æхсызгон мын у, сывæллæттæ æрмæст улæфгæ кæй нæ кæнынц æрдзы хъæбысы, фæлæ ма исынц ахсджиаг зонындзинæдтæ. Уый у хорз цæвиттон фæсивæды досугы организацийæн сæрдыгон периоды, æмæ улæфты ахæм формат хъæуы райтынг кæнын", - хъусын кæны пресс-службæ Джиоты Аланы ныхæстæ.