ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты хуссарирыстойнаг курсантты ныййарджытӕн равдыстой сӕ сывӕллӕтты службӕйы уавӕртӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Ахуырадон центр "Барс"-ы ӕфсӕддон хъуыддаг ахуыр кӕнынц 40-йӕ фылдӕр ӕвзонг лӕппу ӕмӕ чызджы, кӕцытӕ ацы аз бацыдысты Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон уагдӕттӕм. Ӕвзонг хӕстоны курсы фӕстӕ курсанттӕ арт бахӕрдзысты ӕмӕ сӕ фыццӕгӕм сентябры арвитдзысты сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм.
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮО
Ныййарджытӕн равдыстой ахуырадон центры полигоны обьекттӕ, сдзуапп сын кодтой сӕ фарстытыл.
"Ахуыртӕ, карз боны фӕтк, ӕфсӕддон дисциплинӕ, командӕгӕнджыты хӕслӕвӕрдтӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнын – сарӕзтой зноны скъоладзаутӕй ӕцӕг хӕстонты", - банысан кодтой Хъахъхъӕнынады министрады.
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮО
Уагдоны минӕвары ныхӕстӕм гӕсгӕ, чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ цымыдисимӕ ахуыр кӕнынц ӕфсӕддон професси, ӕвдисынц нысанмӕ тырнындзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад.
"Сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм бацӕудзысты цӕттӕ курсанттӕй", - бахахх кодтой уагдоны.
УФ ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсантты ныййарджытӕ бацыдысты ахуырадон центр "Барс"-мӕ
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮО