Хуссар Иры ПÆК: æртæ æмбæстаджы æрвыстой информаци знагиуæг паддзахадмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет (ПÆК) сбæрæг кодта æртæ æмбæстаджы, кæцытæ æрвыстой бæрæггæнæнтæ республикæйы уавæры тыххæй знагиуæг паддзахады сæрмагонд органтæм.
"Сæ хæслæвæрдтæм гæсгæ, уыдон тымбыл кодтой æмæ æрвыстой информаци Хуссар Ирыстоны уавæры тыххæй. Уымæй дарддæр, сæ халæн куысты арæнæвæрды фæсарæйнаг спецслужбæтæ пайда кодтой шантаж æмæ тæрсын кæныны методтæй, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрджыты сразы кæной æмархайдыл", - хъусын кæны ПÆК пресс-службæ.
Паддзахадон æдасдзинады комитет ауагъта уыцы гоймæгтимæ профилактикон мадзæлттæ. Бафæдзæхстой, уыцы архайд кæй у æнæруадзгæ æмæ аразы паддзахадыл гадзрахатæй рацæуынæн уавæртæ.
Уагдон зæрдыл æрлæууын кодта, ныры вазыгджын оперативон уавæры тыххæй, Уæрæсе æмæ йæ цæдисонтыл, уыдонимæ иумæ Хуссар Ирыстоныл, æнæпрецендентон уæз кæй цæуы.
Ахæм уавæрты æмбæстæгтæн æнæмæнг у, цæмæй активон граждайнаг патриотикон позицитæ æрцахсой, рæстæгыл бæрæггонд æмæ хъуыстгонд æрцæуой ПÆК фæсарæйнаг сæрмагонд службæтæ, фæсарæйнаг минæвæрттæ æмæ хицæн æмбæстæгты цыфæнды хуызон архайды тыххæй бæрæггæнæнтæ.
Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ июлы ӕрцахстой 30-ӕй фылдӕр арӕнхалӕджы