УФ Хъахъхъæнынады министрад форум "Армия"-йы бафыста контракттæ 400 миллиард сомы бæрц

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад Æхсæнадæмон æфсæддон-техникон форум "Армия-2023"-йы бафыста хъахъхъæнынадон-сæудæджерадон комплексы куыстуæттимæ æмæ сын радта паддзахадон контракттæ 400-йæ фылдæр миллиард сомы бæрц, фехъусын кодта УФ Гарзджын тыхты хæцæнгарзы Сæйраг фæткдаруаты хистæр, инæлар-лейтенант Анатолий Гуляев.

"Абон бафыстам 11 æмæ радтам 9 паддзахадон контракты 400-йæ фылдæр миллиард сомы бæрц", - хъусын кæны Гуляевы ныхæстæ РИА Новости.

Уый банысан кодта, ацы паддзахадон контракттæ сæххæст кæныны фæстиуæгæн УФ Гарзджын тыхтæм кæй бацæудзысты ног хæцæнгарз, æфсæддон æмæ сæрмагонд техникæйы 2,5 мин хуызæгæй фылдæр.